Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



19 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены.


Конструктивон æмæ бæстон ныхасы рæстæджы дзырд цыд, Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Миссийы Хуссар Ирыстоны архайды æппæт фарстатыл, сæрмагондæй, Антмен радта информаци организаци цы куыст бакодта фæстаг мæйты дæргъы, уый тыххæй. Радзырдта ныртæккæйы проектты æмæ æввахс периоды пъланты тыххæй.

Джиоты М. позитивон аргъ скодта Сырх Дзуары Миссийы æмгуыстадæн хуссарирыстойнаг структурæтимæ, сæ мандатмæ гæсгæ цы гуманитарон проекттæ аразынц, уыдон ахсджиагдзинадæн.

Антмен дæр бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг фарсæн Миссийы архайдæн æдзух цы æххуыс кæны, уый тыххæй.

Нысангонд æрцыд æргом диалогмæ æмæ дарддæры координацигонд куыстмæ дыууæварсон тырнындзинад.


Цхинвал, 2016 азы 19 август