Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



7 марты Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 39-æм раунды агъоммæ.


Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы азы марты мæйы фæуды Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл.

Женевæйаг дискусситы сæйраг фарстайæ зайы Хуссар Ирыстоны фидар æдасдзинады ифтонгад. Уымæ гæсгæ банысангонд æрцыд, юридикон тых кæмæн уыдзæн, Гуырдзыстоны æрдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл ахæм документыл куыст фæактивондæр кæныны ахсджиагдзинад.

Ацы фарстайы бирæ рæстæджы дæргъы прогресс кæй нæй, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс ногæй Æмсæрдæртты хъусдард аздæхта, тыхæй ма спайда кæныны принципыл æнувыддзинадæвдисæг иумæйаг фидиуæн райсыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. Уыцы документыл къух фыст кæй нæ цæуы, уый у гуырдзиаг фарсы æнæконструктивон позицийы фæстиуæг.

Хуссарирыстойнаг фарс равдыста тыхстдзинад Гуырдзыстоны НАТО-йы активондзинады тыххæй, банымадта йæ гуырдзиаг хицауады провокацион политикæйы дарддæркæнынадыл æмæ регионы æдасдзинад халæг факторыл.

Дыууæ фарсы сразы сты арæнгæрон Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ рæстæгыл аиуварс кæныны механизмы (МПРИ) фадыджы регулярон æмæ эффективон куысты ахсджиагдзинадыл. МПРИ-йы фæлгæтты цы «тæвд хахх» кусы, уый дæр дæтты фадат сæвзæргæ проблемæтæ оперативон æгъдауæй иуварс кæнынæн.

Серьезон хъусдард здæхт уыд гуманитарон тематикæмæ, фыццаджыдæр РХИ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты агурыны фарстатæм, культурон бынты сферæмæ, Хуссар Ирыстоны цæрджыты гуманитарон бартæ сифтонг кæнынмæ, цæмæй сын ма уа ныхдуртæ æхсæнадæмон бастдзинады хъуыддаджы.

Женевæйаг дискусситы атмосферæйыл негативон æгъдауæй æндавы, гуырдзиаг хицауад æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстоны æвзæр хуызы адæймаджы барты фарстаты кæй æвдисы , уый.

Фембæлды хайдисджытæ банысан кодтой регионы æдасдзинад бахъахъхъæныны охыл дискусситæ бавæрыны ахсджиагдзинад, равдыстой цæттæдзинад радон раунды конструктивон куыст бакæнынмæ.

Фембæлды фæстæ Женевæйаг дискусситы Æмсæрдæрттæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстатæн дзуаппытæ радтой.


Цхинвал, 2017 азы 7 март