Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

УФ ПД ФС депутат Л.Калашниковы фидиуæны фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Леонид Калашников 2016 азы 16 ноябры йæ интервьюйы «РИА Новости»-йæн загъта, зæгъгæ, «… кæд Молдовæйæн йæ территориалон конфликт – Днестыргæроны райхалын йæ къухты бафта, конфедераци саразыны хуызы, æмæ уыцы рæстæджы Уæрæсеимæ дæр рæзын кæна йæ ахастытæ, уæд уый уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Украинæйы конфликттæ райхалынæн калькæ».


Чизоны, Паддзахадон Думæйы СНГ хъуыддæгты фæдыл комитеты цытджын сæрдар Гуырдзыстоны конфликтты кой кæнгæйæ, дзуры цавæрдæр мидæггагон конфликттæ æмæ территориалон быцæутæ ныры Гуырдзыстонæн йæхи мидæг. Фæлæ кæд дзырд цæуы Гуырдзыстоны ахастытыл сыхаг паддзахадтимæ – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ, уæд, хъыгагæн, констатаци кæнæм, ацы фидиуæн кæй у регионы цы политикон реалитæ ис, уыдон лæмæгъ кæй сты зындгонд депутатæн, уый публикон демонстраци.

Калашников хъуамæ зонид, Республикæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны территоримæ, кæнæ йæ территориалон дихдзинадмæ кæй ницы ахаст дары, уый. Гуырдзиаг-ирон конфликты кæрон уыд 2008 азы августы. Калашников цы «территориалон конфликтты» кой кæны Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн – уый у гуырдзиаг хицауады рынчын фантази, кæцы реалон факттæм æнæкæсгæйæ, кæны чи никуы уыд, ахæм «территориалон иудзинады» кой. Уыимæ иумæ сын ницы реакци ис, Республикæ Хуссар Ирыстон сæм бирæ хæттыты цæй тыххæй басидтис, ома, дыууæ сыхагон бæстæты æхсæн паддзахадон арæны делимитацимæ æрæвналынмæ, уымæ. Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстон йæ къух нæ фыссы ахастытæ æрбæстон кæныны тыххæй тыхæй ма спайда кæныны документыл.

Республикæ Хуссар Ирыстон сырæзт постсоветон тыгъдады иннæ паддзахадтау СССР-ы ныппырхы уавæрты æмæ æхсæнадæмон-барадон нормæтæм гæсгæ. Республикæ рацыд паддзахадон арæзтады радыгай алы къæпхæн дæр. Хуссар Ирыстоны адæмы бирæазон тох йæ сæрибары æмæ хæдбардзинады сæрыл перманентон гуырдзиаг агрессийы ныхмæ фæци, Уæрæсе гуырдзиаг агрессоры сабырадмæ тыхæй куы æркодта æмæ 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд.

Хуссар Ирыстоны адæм стыр бузныг сты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæй, уæрæсейаг парламентаритæй, уыдон нымæцы Паддзахадон Думæйы КПРФ фракцийы депутаттæй, кæцытæ 2008 азы 24-25 августы æмудæй райстой сидт Уæрæсейы Федерацийы Президентмæ Республикæ Хуссар Ирыстон банымайыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерациимæ ис хъарм æмæ хæларадон ахастытæ, уыдон бындуриуæг кæнынц фидар бадзырдон-барадон базæйыл, уым ис 100 фылдæр дывæрсыг документы, уыдоны æхсæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Федералон Собраниимæ Бадзырд æхсæнпарламентон æмгуыстады тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй, æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады æнæаивгæ курс дарддæры æххуысмæ хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ адæмæн æмгустады алы сферæты уæрæсейаг хицауады минæвæрттæ бирæ хæттыты бахахх кодтой.


Цхинвал, 2016 азы 18 ноябрь