Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive

March 14th, 2017

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

14 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ фембæлдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы Уæрæсейы Федерацийы делегацийы уæнгтæ А.А. Двинянин æмæ М.М. Кулахметовимæ.

March 9th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Адæмон хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады делегациты дыууæварсон фембæлды фæдыл



Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ визиты фæлгæтты 7-8 марты Каракасы уыд дыууæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Адæмон хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты делегациты æхсæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



Дарддæр кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы визит Венесуэлæмæ. Делегацийы сконды сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим.


Хуссарирыстойнаг делегаци хайад райста Венесуэлæйы лидер Уго Чавесы мæлæтыл цыппар азы сææхæсты цытæн мысæн мадзæлтты. Делегаци фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Венесуэлæйы Владимир Заемскиимæ. Уымæй дарддæр ма уыд фембæлдтытæ æндæр бæстæты делегациты минæвæрттимæ, кæцытæ истой хайад мысæн мадзæлтты.

March 7th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



7 марты Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 39-æм раунды агъоммæ.


Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы азы марты мæйы фæуды Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл.

March 6th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



5-7 марты Каракасы уагъд цæуынц Венесуэлæйы Президент Уго Чавесы мæлæтыл 4 азы сæххæсты боны цытæн мысæн мадзæлттæ.


Венесуэлæйы къухдариуæгады æрхуындмæ гæсгæ Каракасы ис Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци. Йе сконды сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Н.З.

5 марты делегацийы уæнгтæ хайад райстой цытджын церемонийы, кæцы уагъд æрцыд Команданте Чавесы марды саркофаг цы Революцийы музейы ис, уым.

March 3rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Хуссар Ирыстоны æнæ хъусдард нæ баззад АИШ-ы конгресс, Гуырдзыстоны «территориалон иудзинад»-ы фарс хæцгæйæ, цы тенденциозон резолюци сфидар кодта, уый. Радон хатт та америкаг конгрессменты æнæобъективон позицийыл дзурæг у, Гуырдзыстоны позицийы фарс æнæгурысхойæ кæй хæцынц æмæ Уæрæсемæ кæй сидынц «Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад аивынмæ», уый.

February 13th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг



13 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены, уый йæ архайд Миссийы сæрдары бынаты фæуыд кæны.

February 10th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. комментари «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынды фæдыл

Нæ паддзахадæн йæ историон ном радтыны фæдыл референдум ауадзыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамынд у политикон æгъдауæй афоныл æмæ историон æгъдауæй фидаргонд.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари ÆИА «Южная Осетия»-йæн

Фарст: 7 февралы фембæлдысты Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г.Б.Карасин æмæ Гуырдзыстоны Премьер-министры сæрмагонд минæвар З.Абашидзе. Ацы форматы фембæлд уыд радон, фæлæ йæ фæстиуджыты фæдыл информаци Хуссар Ирыстоны сæвзæрын кодта бæрæг резонанс. Цæимæ баст у уый?


Дзуапп: Æцæгæйдæр, нæ информацимæ гæсгæ Прагæйы ацы фембæлды рæстæджы дзырд цыд уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг дыууæварсон ахастыты сферæйы уæвæг экономикон, базарадон æмæ гуманитарон фарстатыл.

February 9th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзæн референдум, цыран æмбæстæгтæ равдисдзысты сæ ахаст сæ бæстæйы рагон ном – Паддзахад Алани сæндидзын кæнынмæ.


Бирæ адæм æппæт дунейы, сæрмгондæй хæларадон паддзахадты ацы уынаффæйæн стыр аргъ скодтой, æмæ йæ банымадтой Хуссар Ирыстоны æнувыддзинадыл демократон паддзахады принциптыл, йæ адæмы фундаменталон бар сæ паддзахады суверенитет æмæ историон бастдзинад бафидар кæныныл.