Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг


Козаты Захары фырт Нариманы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы снысан кæныны тыххæй

2016 азы 3 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ Козаты Захары фырт Нариман нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Республикæ Никарагуайы.


Цыбыр биографион бæрæггæнæнтæ:

Козаты Захары фырт Нариман райгуырд 1965 азы 24 февралы г. Цхинвалы. 1982-1988 азты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон хъæууон-хæдзарадон институты.

2009 - 2012 азты – УФ ФХМ Дипломатон академийы хъусæг.

2002 – 2011 азты – РХИ Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг.

31.05.2011 азæй 25.07.2012 азмæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы.

26.07.2011 азæй 25.07.2012 азмæ - Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы.

Ис ын РХИ паддзахадон хорзæхтæ.

Дипломатон ранг: Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар.


Цхинвал, 2016 азы 3 май