Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенсийæ сифтонг кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты сахар Мæскуыйы фыстæрцæуæг бадзырды 8 уацы уагæвæрдтæ реализаци кæныны нысæнттæн,

пенсион ифтонгады къабазы ахастытæ бæстон кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæм ахасты уыдонæн сæ пенсийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ тырнындзинадæй къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

1. Ацы Фидыды нысæнттæн пайда цæуы ахæм æмбарынадтæй:

«бæрнджын органтæ» - Дыууæ Фарсы министрадтæ æмæ ведомствæтæ, кæцытæ бæрндзинад хæссынц паддзахадон политикæ аразын æмæ реализаци кæнын æмæ пенсион ифтонгады къабазы нормативон барадон бæстонкæнынады фæдыл;

«компетентон уагдæдтæ» - Дыууæ Фарсы уагдæдтæ, кæцытыл æвæрд цæуы пенсион ифтонгады къабазы закъондæдтынадæй пайда кæныны хæс.

2. Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн информацийæ æххуыс кæнынц бæрнджын органтæ æмæ компетентон уагдæдты бæлвырдад æмæ ивындзинæдты тыххæй.

Уац 2

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн (дарддæр – æмбæстæгтæ), Уæрæсейы Федерацийы территорийыл цæрæнбынатмæ гæсгæ регистраци чи у, уыцы æмбæстæгты йедтæмæ, фæдзæхстадон пенситæ æмæ паддзахадон пенсион ифтонгады пенситæ нысан кæнын æмæ фидын æххæст цæуы ахæм фæтк æмæ уавæрты, кæцытæ бæлвырд сты Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынады, кæд ацы Фидыды æндæр исты нысангонд нæй уæд.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæдтынадмæ гæсгæ 2002 азы 1 январæй райдайгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл бакуыстгонд кусæгон стажы тыххæй æмбæстæгтæн куыстадон пенситæ нысан кæнын, ногæй банымайын æмæ бафидын æххæст цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæдтынадмæ гæсгæ. Уымæй дæр куыстадон пенси райсыны бар бæлвырд кæныны рæстæджы нымад цæуы, уыцы æмгъуыдæй размæйы куысты стаж дæр.

3. Ацы Фидыд нæ хауы Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд закъондæдтынадмæ, кæцы бæстон кæны Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ æндæр арæзтæрцæуæг æфсæддон баиугæндты æфсæддонслужбæгæнджыты, мидхъуыддæгты органты къухдариуæгæнджытæ æмæ рæнхъонты, сæ бинонты, пенсион ифтонгады хайы банысангонд æфсæддонслужбæгæнджыты æмвæзадыл чи ис, æндæр ахæм цæсгæмтты пенсион ифтонгадмæ хауæг фарстаты.

Уац 3

1. Ацы Фидыды 2 уацы 1 пунктмæ гæсгæ æмбæстæгтæн снысангонд пенсион ифтонгады суммæ хъуамæ сæмхуызон уа Цæгат Кавказы федералон зылды (Уæрæсейы Федераци) пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадимæ – 10410,7 сомы.

2. Кæд æмбæстаджы пенсион ифтонгады иумиаг суммæ ацы уацы 1 пунктмæ гæсгæ Цæгат Кавказы федералон зылды (Уæрæсейы Федераци) пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадмæ нæ хиза, уæд æмбæстаджы пенсион ифтонгадмæ нысангонд цæуы æрвылмæйон уæлæмхас бафыстытæ (дарддæр – пенсимæ уæлæмхас бафыст), кæцы æмбæстæгты пенсион ифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй нысангонд цæуы 2016 азы 1 январæй снысангонд пенсион ифтонгады иумиаг суммæйы 18 проценты бæрцæй, 2017 азы 1 апрелæй та снысангонд пенсион ифтонгады иумиаг æмвæзады 18,8 проценты бæрцæй.

3. Æмбæстаджы пенсион ифтонгады иумиаг суммæйы бæрц æмæ пенсимæ уæлæмхас бафыстыты бæрц ма хъуамæ фæфылдæр уа 10410,7 сомæй.

Уац 4

Пенсимæ уæлæмхас бафыстытæ фыст цæуынц ацы Фидыды 2 уацы 1 пункты нысангонд пенсиимæ иумæ.

Уац 5

Пенсимæ уæлæмхас бафыст урæд цæуы радон мæйы 1 бонæй фæстæмæ, кæд æмæ уый размæ мæйы фæзына ахæм уавæртæ:

1) æмбæстаг куы амæла;

2) æмбæстаг Республикæ Хуссар Ирыстонæй æндæр паддзахады территоримæ куы ацæуа æдзух цæрынмæ;

3) Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад куы фесафа;

4) æмбæстагæн нысангонд куы ‘рцæуа ацы Фидыды 2 уацы 1 пунктмæ гæсгæ 10410,7 сомæй фылдæр пенсион ифтонгад.

Уац 6

Пенсимæ уæлæмхас бафыстытæ фидын æмæ сæ бынатмæ хæццæ кæныны хæрдзты финансон ифтонгад æххæст цæуы федералон бюджеты ассигнованитæй, кæцытæ нысангонд сты радон финансон азы æмæ планон рæстæджы тыххæй федералон бюджеты закъоны æмæ хыгъд цæуынц Уæрæсейы Федерацийы Пенсион фонды бюджетмæ.

Уац 7

1. Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ æмæ компетентон уагдæдтæ æмгуыстад кæнынц ацы Фидыд реализаци кæныны фæдыл фарстаты, уыцы нымæцы кæрæдзийæн æххуыс кæнынц информацийæ пенсиисджыты тыххæй.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны компетентон уагдон исы дырыс мадзæлттæ ацы Фидыды 5 уацы 1æмæ 2 пунктты банысангонд уавæртæ сбæлвырд кæныны фæдыл, афтæ ма информаци дæдты Уæрæсейы Федерацийы компетентон уагдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æмбæстæгты куыст æххæст кæныны (æруромыны) факты тыххæй.

Ацы Фидыды 5 уацы 1-3 пунктты банысангонд уавæрты тыххæй информаци Уæрæсейы Федерацийы кометентон уагдонмæ æрвыст цæуы уыцы уавæртæ сбæлвырд кæныны бонæй 15 календарон боны дæргъы.

Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ æмæ компетентон уагдæдтæ домæнты фæдыл æндæр информаци æрвитынц домæн райсыны бонæй 30 календарон боны дæргъы.

Уац 8

1. Иу Фарсы паддзахадон хицауиуæгады органтæ æмæ бынæттон хæдуынаффæйадон органтæ кæй дæдтынц, пенсион ифтонгадæн æхæм æнæмæнгхъæуæг документтæ иннæ Фарс исы æнæ легализаци кæнæ æндæр сæрмагонд æвдисæндартæй.

2. Фæдзæхстадмæ хауæг цæсгæмтты медицинон басгæрст, афтæ ма ногæй басгæрст сахъатдзинады къорд æмæ аххосæгтæ сбæлвырд кæныны нысæнттæн, æххæст цæуынц, цæрæнбынатмæ гæсгæ.

Сахъатдзинады къорд æмæ аххосаджы тыххæй уынаффæ исы уыцы Фарсы медикон-экспертон уагдон, кæцыйы закъондæдтынадмæ гæсгæ нысангонд æмæ фыст цæуы уыцы пенси, фæдзæхстадмæ хауæг цæсгом кæм цæры, уыцы паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ лæвæрд æрцæуæг медицинон документтæ хынцгæйæ.

Уац 9

Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыд æмбарын кæнын æмæ дзы пайда кæнынимæ бастуæвæг быцæуаг фарстатæ скъуыддзаг цæуынц Дыууæ Фарсы бæрнджын органты ‘хсæн баныхæстæ æмæ консультацитæ ауадзыны фæрцы.

Уац 10

1. Ацы Фидыд хъæуы ратификаци кæнын æмæ æмæ йæ тыхы цæуы кæрæдзимæ ратификацион грамотæтæ радтыны бонæй.

Ацы Фидыд парахат кæны 2016 азы 1 январæй фæзынгæ æмбарахастытыл.

2. Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ, кæцытæ арæзт цæуынц хицæн суагъæтæй.

Уац 11

1. Ацы Фидыд фыст цæуы 25 азы æмгъуыдмæ æмæ автоматикон æгъдауæй дарддæргонд цæуы алы 10-азон æмгъуыдтæм, кæд æмæ Дыууæ Фарсæй искæцы йæ радон æмгъуыды фæудæй æппынкъаддæр иу аз раздæр фыстæй нæ фехъусын кæна ацы Фидыдæн йæ архайд æруромыны тыххæй.

2. Ацы Фидыды архайд æруромын не ‘ндавы йæ архайды рæстæджы Дыууæ Фарсы ‘хсæн чи фæзынд, уыцы бартæ æмæ хæслæвæрдтыл.

Фыст æрцыд сахар Мæскуйы 2016 азы ноябры 25-æм боны дыууæм экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.