Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Фæстаг азты цаутæ нын дæттынц афтæ зæгъыны фадат æмæ дуне фылдæр зонын кæй райдыдта рæстдзинад. 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы тыххæй. Алкæмæн дæр хорз зындгонд у швецариаг дипломат Хайди Тальявинийы августы хæсты фæстæ чи сырæзтис, Евроцæдисы уыцы хæдбар къамисы Доклады сæйраг хатдзæг хæст растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта, уый тыххæй. Фæстаг рæстæджы публикациты банысан кæнын хъæуы Гуырдзыстоны Францы минæвар Эрик Фурнье гуырдзиаг журнал «Тбилиселеби»-йæн цы интервью радта, уый. Уым уый хæст райдианы аххосджын кæны Гуырдзыстоны: «Сымахæн уæ бон нæу истории ногæй ныффыссын æмæ аххосаг сæвæрат, кæм ис уым нæ, фæлæ æндæр быныты». Æмæ æппæтæй ахсджиагдæр та уый у æмæ бирæ рæстæджы фæстæ ахæм стыр рангы европæйаг политик фыццаг хатт кæй загъта 20-æм азты меньшевикон Гуырдзыстон ирон адæмæн цы геноцид сарæзта, уый тыххæй.

1918-1920 азты цаутæн Хуссар Ирыстоны Парламент политикон аргъ скодта суанг 2006 азы 13 октябры æмæ 1990 азы 20 сентябры райста Деклараци 1920 азы Геноциды тыххæй.

***

1990 азы Хуссар Ирыстоны Геноциды тыххæй Декларации

Иумиагæй райстгонд æхсæнадамон нормæтæм гæсгæ цæрджыты хицæн къордты скуынæг кæнын, расæйон, националон, этникон кæнæ динон æууæлтæм гæсгæ, афтæ ма барæй ахæм царды уовæртæ саразын, кæцытæ здæхт сты ацы къорды æххæстæй кæнæ сæ иу хай æмбар у се ‘хсæн сты сывæллоны райгуырд иуварс кæнынимæ, адæймаджы ныхмæ иууыл уæзаудæр фыдракæндтæй сæ иу æмæ квалификацигонд цæуы, куыд геноцид, афтæ.

Ацы ран махмæ ис Гуырдзыстоны хицауады ‘рдыгæй 1920-1921 азты Хуссар Ирыстоны адæмы нысанмæздæхт куынæг кæныны факттæ, кæцытæн Хуссар Ирыстоны ирæттæм ахасты уыдис иууыл негативондæр фæстиуджытæ.

Ирыстоны сабыр цæрæг зæхкусджытæм ахасты иууыл æгъатырдæр нацистон æфхæрды нывтæ тасы æппарынц, суанг уыцы уæззау трагедитæ æмæ хъизæмарæй се ‘мыдзаг революцион процессты фыццаг æзты. Хуссар Ирыстоны цы ‘рцыдис, уый адæймаджы зондахаст ахсгæ дæр нæ кæны. Рацыдис 70 азы æмæ куыд зыны, афтæмæй ницы фæивта. Хуссар Ирыстонмæ цы «сæрмагонд ахаст»баззадис Гуырдзыстоны конституцион арæзтады сферæйы,уымæ ‘мбæлы сæрмагондæй,æргомæй йæ раиртасын.Ацы хъуыддаджы ма ахæм раиртасын æмбæлы дзыллон информацийы фæрæзтæ,телеуынынад цы роль сæххæст кодтой,ахæм.
Æцæгдзинады æмæ демократийы,гуманизмы æмæ сæрибардзинады домындзинæдтæй рацæугæйæ,æнæмæнг хъæуы ахæм констатаци саразын:

1. Революцион змæлдæн Хуссар Ирыстоны кæйфæнды ныхмæ дæр,уæлдайдæр та Гуырдзыстоны ныхмæ,нæ уыдис репрессион характер.

2. Хуссар Ирыстоны националон змæлды къухдариуæггонджынтæ домындзинæдтæнуыдис уæлдай демократондæр характер æмæ здæхт уыдысты 100 мин.зæхкусæджы националон хæдуагæвæрды закъонон бартæ райсынмæ:

а) цæмæй Хуссар Ирыстоны уыдаит политикон арæзтады ахæм формæ,кæцыйы цæрджытæ сæхицæн нымадтой райсинагыл,ома Советтæ.
б) цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн бар уыдаит æмæ баззадаиккой уыцы политикон системæйы,кæцыйы равзарынæн сын лæвæрд цыдаит бар,ома УСФСР сконды Ирыстоны иннæ хай-Цæгат Ирыстонимæ иумæ.
3. Хуссар Ирыстонмæ регулярон æфсады бабырстæн уыдис империон агрессийы характер æмæ здæхт уыдис ирон адæмы скуынæг кæнынмæ,сæ фыдæлты территорийæ сæ фæсурынмæ æмæ Хуссар Ирыстоны гуырдзиæгты æрцæрын кæнынмæ.Уый у геноцид.
4. Революцион змæлды политикон къухдариуæгады скъуынæг (13 коммунары фехст,1920 азы Дзауы æмæ Цхинвалы растады ныппырх) кæныны фæстæ æфхæрæг къордты архайдæн уыдис Хуссар Ирыстоны цæрджыты иууылдæр скуынæг кæныны нысан. Ирон хъæуты куынæг кæныны методтæ æмæ масштабтæн уыдис варварон характер,санкци сын радта Гуырдзыстоны хицауад,кæцы йæ фæнд-Хуссар Ирыстоны ирæттæй физикон æгъдауæй асыгъдæг кæныны тыххæй.
5. Райстгонд дунеон барадон акттæм гæсгæ ирæтты иууылдæр скуынæг кæнын,сылгоймæгты,сывæллæтты,зæрæдты скуынæг кæныны сырдон методтæ,стигъын æмæ тыхмитæ кæнын,мулк фос хи бакæнын,тыд цы ‘рцыдис,уый скуынæг кæнын,дзыллæты æххормагдзинадмæ,тифы эпидемитæм æмæ халеромæ æркæнын,ирон хъæуты гуырдзиæгты бирæйон æрцæрын кæнын Гуырдзыстоны æндæр хæххон районтæй у Геноцид.
6. Ирæтты дзыллон æгъдауæй скуынæг кæныны хъуыддагæн санкци радта Н.Жорданиайы афтæхуыйнæг «демократон хицауад æмæ æххæст цыдис меньшевикон тырысайы (балгъуыз сау-урсимæ) бын,кæцыйы ныры гуырдзиаг хицауад расидтис демократийы символæй,уый та Хуссар Ирыстоны адæмæн Хуссар Ирыстоны территорийыл сæ бон нæу æмæ йæ нымайой гуырдзиаг паддзахадон символыл».
7. Гæнæн цæмæн нæй,цæмæй ахæм варварон æгъдауæй куынæг кæныны хъуыддаг (Хуссар Ирыстоны мингай ирон цæрджыты,зæрæдты,сылгоймæгты,сывæллæтты геноцид) ивд æрцæуа къласон тохы идейæ,абон нын æй зæронд æмæ ног идеологтæ æмæ псевдоисториктæ куыд уырнын кæнынц,афтæ.Уый у геноцид!
Мах сидæм дунейы æппæт демократон организацитæм,бæстæйы,хицауадты æмæ республикæты къухдариуæгадты æппæт лидертæм,цæмæй рахæцой Хуссар Ирыстоны адæмы рæстæг домындзинады æвварс:
I. 1920 азы Хуссар Ирыстоны ирæттæ массон æгъдауæй скуынæг кæнын банымад æрцæуæт геноцидыл æмæ домдæуæт,цæмæй сын бафыстуа националон зиан 5 милуаны сызгъæринæй.
II. Хуссар Ирыстоны адæмæн лæвæрд æрцæуæт ахæм бар:
- Национ хæдуагæвæрдады;
- Хуссар Ирыстоны адæмæн уæт ССРЦ Конституцимæ гæсгæ,цахæм æй фæнды,ахæм политикон хæдуагæвæрд равзарыны бар;
- иу кæнæ иннæ паддзахадон арæзтадмæ бацæуын хæдбарæй равзарыны бар,суанг йæхи сæрмагонд националон-падддзахадониуæг саразыны онг.

г.Цхинвал,
1990 азы 20 сентябрь

***

1918-1920 азты цаутæн политикон аргъ скæныны тыххæй

Куыд Ирыстоны этногеографион территорийы иуæг,афтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цæуы дыууæ мин азæй фылдæр.Антикон,рагондзуырдзиаг æмæ рагонсомихаг нарративон ратæдзæнтæй куыд бæрæг у,афтæмæй ирæттæ хауынц Централон кавказы Хуссар фæхсты рагон æмæ астæуккаг æнусты скъифаг-сарматтаг цæрджытæм. Цæвиттонæн, нæ э. а. VII æнусы «Сомихаг географи» æвдисæн у, банысангонд территори кæй у рагон астæуккагæнусон Аланийы хай.
Хуссар Ирыстон йæ бирæнусон историйы дæргъы фылæр рæстæг уыдис хæдбар æттагон æлдариуæгадæй, кæд æмæ йæм бирæ хæттыты бырстой картлиаг (скæсæнгуырдзыстойнаг) хицауиуæггæнджытæ, уæддæр. Кавказы XVII-XIX æнусы арæныл уæрæсейаг администрацийы æрфидары онг Ирыстон, куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр фактон æгъдауæй уыдис хæдбар. Кæд Ирыстон XVII æyecs 70-æм азты юридикон æгъдауæй бацыдис Уæрæсейы империйы скондмæ, уæддæр ма хуссары бахъуыд цалдæр дæсгай азтæ, цæмæй дзы æрфидар уыдаит Уæрæсейы администраци. Советон Хицауады æрфидаримæ Хуссар Ирыстон, куыд автономон область, афтæ баконд æрцыдис ГССР скондмæ, кæд уый йæ бынæттон цæрджыты фæндонзина нæ уыис, уæддæр.

Уæрæсейы империйы ныппырхы фæстæ Гуырдзыстон 1918 азы расидтис йæ хæдбардзинад æмæ загъта йæ претензитæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты. Уæдмæ Хуссар Ирыстоны архайын райдыдта легитимонæй æвзæрст Националон Совет, кæцытæн йæ фыццаг съезд уыдис 1917 азы 6-9 июны Дзауы поселочы. Хуссар Ирыстоны Националон Совет, кæцы конд уыдис æндæр æмæ æндæр политикон фæдæздæхтыты минæвæрттæй (эсерты, анархисттæ, меньшевиктæ, большевиктæ æмæ æнд.), националон фарсты фæдыл сæ уынаффæйы дзырд цыдис хуссарирæттæн «хæдразыманды сæрибары бар». Уæдæй фæстæмæ меньшевикон Гуырдзыстон систа ахæм курс, цæмæй ирæтты цахæмфæнды этникон хиидентификаци æмæ политикон хиуагæвæрд дæр састгонд цæуой хотыхджын тыхтæй.

Гуырдзыстоны меньшевикон агрессивон архайдæн дзуаппæн 1920 азы, сæрды, райдыдта хуссайраг ирæтты хотыхджын ныхмæлæуд сæ националон хиуагæвæрды сæраппонд. 1920 азы 8 июны меньшевикон къордты ныппырх кæнгæйæ растадонтæ бацахстой Цхинвал. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны Ревкомы бадзыртон уыдис «Онæй Душетмæ» Советон хицауад расидыны æмæ йæ «Советон Уæрæсеимæ баиу кæныны» тыххæй.

***

Хуссар Ирыстоны Советон хицауад радтын Гуырдзыстоны хицауадон ссис формалон æфсон Хуссар Ирыстонмæ уæрæхмаситабон хæтыхджын бабырстæн æмæ ирæттæ физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæн, æниу уымæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Суан 1918 азы Гуырзыстоны меньшевикон хицауад æмæ гуырдзиаг дзыллон информациты фæрæзтæ æргомæй дардтой фыдзæрдæ ахаст ирæттæм, хуыдтой сæ «абырджытæ»,анархисттæ», 1918-1919 азты Хуссар Ирыстоны чи архайдта, Гуырдзыстоны уыцы æфхæрæг къордты къухдариуæææнджытæй сæ иу хъзишвили Эреды хъæуы цы митинг уагъд цыдис, уым дзырта: «Уæрæсе 118 азы размæ басаста Гуырдзыстоны æмæ йын байста йæ сæрибардзинад» Гуырдзыстоны уыцы 100 азон хъицæмæрттæ æмæ удхар аййафынц Ирæтты аххосæй». Уыцы Хъазишвили ма æнæр ран та загъта: «Æз дæн диктатор æмæ мын бар ис алы бон дæр марон 12 адæймаджы».

Гуырдзиаг прессæ куыста, цæмæй идеологион æгъдауæй ифтонг кодтаит уæрæх дзыллæтæн фарсхæцынæд ирæтты ныхмæ репресситæ аразыны. «Демократон» хицауад рауагъта сидт «райгуырæн артдзæст чи хъахъхъæны, уыцы гуырдзиаг хæстонтæм», кæцыйы сæм сиды, цæмæй «ма ауæрдой гадзрахатæйцауджытыл, хъæстæ кæлмытыл сæ лæппынтимæ, кæцыты хъæуы скуынæг кæнын. Афтæ домы гуырдзиаг адæмы фарн. Æппæт гуырдзиаг адæмы фидар фæндондзинад æмæ йæ хицауады æнæфæцудгæ фæнд æфсæйнаг цъылынæй хъуамæ ссыгъдæг кæна æмæ амæрза гадзрахаты ахстæттæ æмæ зынг æфсæйнаг аиуварс кæна нæ нацианалон буарæй хæфдзæстыты æмæ сынчъыты, кæцытæ æвзæрын кæнынц мæлæты æмæ фесæфты тасдзинад» (газет «Эртоба» 1920 азы 20 июнь).

1920 азы 7 июны гуырзиаг æфхæрæг экспедицийы хистæр булкъон Чхеидзе гуырдзиаг хицауадæй бар райста, цæмæй басыгътаит Хуссар Ирыстоны хъæуты. 1920 азы 17 июнæй райдайгæйæ гуырдзиаг æфсад зынг æмæ æхсаргардимæ ацыдысты æгас Хуссар Ирыстоныл. Практикон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны хъæутæ æрцыдысты сыгъд æмæ стыгъд,ирон цæрджыты дзыллæ,сæйраджыдæр та сывлгоймæгтæ, сывæллæттæ,зæрæдты кодтой æргæвдгæ.Горæт Цхинвалы Ирæтты уынджы гуырдзиаг меньшевиктæ фæзылдысты хæдзари хæдзар æмæ ныццагътой нæлгоймаг цæрджытæй дзы кæйдæриддæр баййæфтой.уыдон.
Гуырдзиаг æфсады къухдариуæггæнджытæй сæ иу Валико Джугъхели,гуырдзиаг æфсад Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты хæдзæрттæ куыд сыгътой,уый ныв кæны рæсугъ ахорæнтæй: «Ам хъæутæ æвæрд сты къаннæг бæрзæндтыл,æвæццæгæн ирæттæ хъуыды кодтой,зæгъгæ,сæм нæ баххæсдзыстæм.Фæлæ ныр алы ран дæр-æртытæ….Судзынц æмæ судзынц….Куынæггæнæг æртытæ! Цахæмдæр, æгъатыр,феерон рæсугъддзинад….æмæ ацы æхсæвыгон ирд æртытыл цæст хæсгæйæ иу рагон хæлар æрхæндæгæй загъта: «Æз æмбарын райдыдтой Нероны æмæ Римы стыр зынгсирвæзты»
Ф.Махарадзе дæр фыста ацы цауты тыххæй: «Мах ам не ‘рлæудзыстæм уыцы æбуалгъы тæссаг æмæ хъæддаг миты афыссыныл,кæцыты æххæст кодтой меньшевикты æфсæддон æмæ гварди сæ разамонæг лæгмар Джугъелийы къухдариуæгадæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн.Уыдонæн уæлдай нæ уыдис зæрæдтæ уыдысты æви æвзæнгтæ,нæлгоймæгтæ æви сылгоймæгтæ,хотыхджынтæ æви æнæхотыхтæ.Меньшевикон лæгмарттæ сæхи дардтой,куыд сырдтæ æмæ хъæддæгтæ,афтæ.Мардтой алкæй дæр,чи фæнды уыдаит,пырх кодтой,сыгътой æппæт дæр,сæ разы цыддæриддæр уыдис». «Гуырдзиаг меньшевиктæ сæ разы рæвæрдтой Хуссар Ирыстоны æххæстæй скуынæг кæнын æмæ сын уый,гæзæмæтæй дарддæр æнтысгæ дæр бакодта.Уымæй фылдæр гæнæн нал уыдис».Æмæ дарддæр:Бынтондæр дызæрдыггæнæн нæй уым националистон æмæ шовинистон тенденцитæн меньшевикты ‘рдыгæй бынат кæй уыдис æмæ ма уый дæр æмæ ацы æлдæрттæ сæ æнæуынондзинад кæй æвдыстой Гуырдзыстоны чи цардис æппæт уыцы нацитæ цъусдæр чи уыдысты,уыцы адæмтæм….»
Удæгас ма цы ирæттæ баззадысты,уыдон сæ сæр бафснайын бахъуыдис Цæгат Ирыстонмæ лидзгæйæ.Тынг зын ахизæн кæуылты уыдис,Цæгат Ирыстоны уыцы бæрзонд æфцгуытыл ахызтысты 50 мин адæймаджы (кæнæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты 75%).Уыдонæй дзæвгар хай фæндагыл амардысты уазалæй,æххормагæй,тиф æмæ холерæйæ.
1920 азы 17 майы арæзт æрцыдис гуырдзиаг хицауадон къамис,кæцытæ куыстой гас ма чи баззадысты,уыцы ирæтты фæсурыныл æмæ сын сæ мулк, гуырдзыстоны æндæр районтæй Ирыстонмæ цæрынмæ чи цыдис,бындуронæй та Душеты æмæ Хъазбеджы районæй,уыдоныл байуарыныл.
Афтæмæй 1920 азы Гуырдзыстоны хицауад сæххæст кодтой йе стыр бæллиц,гуырдзиаг чи нæ уыдис,уыцы элементты скуынæг кæныны хъуыддаджы.Уый уыдис сæ паддзахадон политикæ.Хицауадон газет «Эртоба»фыста:Нæ республикæ ирæтты суры,кæдæм тырныдтой,уырдæм- социалистон дзæнæтмæ».
11920 азы меньшевиктæ кæй ныппырх кодтой Хуссар Ирыстоны,уыцы зиæнттæн æмæ сæфтытæн зæгъæн ис ахæм нымæцтæй:
1.Амардтой-387 нæлгоймаджы
Амардтой-172сылгоймаджы
Амардтой-110 сывæллоны
Æдæппæт амардтой 669 адæймаджы
2.Лидзыны æмæ эмиграцийы рæстæджы амардысты
Нæлгоймæгтæ-1206 адæймаджы
Сылгоймæгтæ-1203 адæймаджы

Сывæллæттæ-1730 адæймаджы
Æдæппæт 4143 адæймаджы
Иууыл иумæ амардысты 4812 адæймаджы (æндæр зонæнтæм гæсгæ-5279 адæймаджы).

3.Сылгоймæгтыл тыххæй ныххæцыны цаутæ-62
4.Сыгъд æрцыдысты 4227 цæрæн æмæ уæлæмхас агъуысты-1268034 сомы аргъ.
5.Аласт æрцыдысты дзаумæттæ æмæ инвентарь 1268 хæдзарæй 190200 сомы аргъ.
6.Сыргъ æрцыдысты 30 æхсæнадон агъуысты (скъолатæ æмæ æнд.)15000сомы аргъ.
7.Атардæуыдис ставдкъах фос-19764сæры-988200 сомы аргъ.
Лыстæгкъах фос-46428 сæры-234140 сомы аргъ.
8.Ставдкъах фосæй фæсæфт-4077сæры-234140 сомы аргъ.
9.Хæрз аслам аргъ уæй æрцыдысты ставдкъах фос-6527сæры-177100 сомы аргъ,лыстæгкъах фос-6263 сæры-31315 сомы аргъ.
10.1920 азы тыллæг фесæфт 167706 сомы аргъ.
Æмтгæй зиан æрцыдис 3317506 сомы аргъ.
Хуссар Ирыстоны æппæт ирон цæрджытæн амардысты сæ 6-8%.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæй цы ирæтты фæсырдта,уыдонæн фæстæмæ æрыздæхыны фадат фæцис æрмæстдæр Советон хицауад куы ‘рлæууыдис уæд-1921азы.Æрæздæхтысты йеттæмæ цы хъæуты ницыуал уыдис, уыдонимæ. Хуссар ирæтты иу хай æрцардысты Цæгат Ирыстоны æндæр æмæ æндæр бынæтты æмæ систы хицæн хъæутæ.

* * *

Хуссар Ирыстоны сабыр цæрæг адæмæн Гуырдзыстоны меньшевиктæ цы хъæддаг митæ фæкодтой, уыдон æнæбандавгæ никæуыл фесты.
Ф.И.Махарадзе фыссы: «Меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны зæхкусджыты ныхмæ сарæзтой ахæм фыдракæнд, цæхæм ипæг реакцион хицауад дæр никуы ма никæмæн сарæзта»
Адæмон депутаты Хуссар Ирыстоны областон Совет 1990 азы 20 сентябры йæ сеситы Хуссар Ирыстоны 1920 азы цæутæн радгæ, куыд ирон адæмы генацид,ахæм характеристика.
Гуырдзыстоны Республикæ 1920 азы Хуссар Ирыстонæн цы генацид сарæзта, уый ирдæй разындис ирон нывæфтыд литературæйы. Кæй басыгътой æмæ æртхутæг кæй фестын кодтой,райгурæн зæххæй кæй фæсырдтой, уыцы адæмы трагикон хъысмæт æнкъард дзуринагæй бацыдис ирон литературайы къласиктæ коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо, Дзесты куыдзæджы сфæлдыстадмæ.
Ацы фыстджыты уацмыстæ сты, цæугæ йæхи цæстæй чи федта (Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ æмæ 1920 мгæйдзаг азы, комкоммæ сæ хайад чии ста, уыдоны фæнгæ хъуыддæгты. Уый уыдис хуссайраг ирæтты фыццаг геноцид, кæцытыл уæды гуырдзиаг фашистон митæгæнæг хицауад ныббаста куыннæггæнæг хæст)

Уæлдæр загъдгонд цы ‘рцыдис, уый бындурыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

1.1918-1920 азты цæутæ нымад æрцæуæт Хуссар Ирыстоны адæмы нациалон-сæрибаргæнæг тохыл.

2. 1920 азы «демократон» Гуырдзыстоны архайд ирон адæмы ныхмæ нымад æрцæуæт генацидыл.

Цхинвал, 2011 азы 22 июль
Æртыццæг, 22/06/2011-14:43.