Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. интервью ИА «Рес»-æн

sanakoev.jpeg

- Абоны бонмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн йæ куысты приоритетон цахæм фæдæздæхтытæ сты?


— Сæйраджыдæр уый æмæ нын нæ æттагонполитикон архайды бындуронæй приоритетон у Республикæ Хуссар Ирыстоны дунеон æмæхсæнады аккаг бынатæй ифтонг кæнын. Æттагон политикæйы къабазы æнтыстытæ æнæфæхицæнгæнгæйæ баст сты паддзахадæн йæхи динамикон рæзтимæ, уымæ гæсгæ æппæт тыхтæ дæр мах хъуамæ аздахæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны имидж скæнæм иууыл химæлвасгæдæр дунейы æппæт бæстæты.

Уымæй дарддæр Республикæ Хуссар Ирыстоны æттагон политикæйы ахсджиагдæр фæдæздæхт уыдис æмæ у Уæрæсейы Федерациимæ æмкусткæнынад. Куыд зонут, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ ориентаци кæддæриддæр уыдис Уæрæсейы Федерацийы ‘рдæм. Уæрæсейы Федерациимæ нын æмахастытæ ис æппæт сферæйы дæр. Ирон адæм æнувыд сты Уæрæсейы адæмимæ сын æнусты дæргъы цы хъарм, хæларадон ахастытæ сырæзтысты, уыдоныл, стыр аргъ кæнынц, Уæрæсейы ‘рдыгæй сын цы стыр æххуыс æмæ фарсхæцынад ис, уыдонæн. Уымæ гæсгæ йæ, ноджыдæр фæлхатт кæнын, нæ æттагонполитикон архайды ахсджиагдæр фæдæздæхтытæй сæ иу кæй у Уæрæсейы Федерацийы ацы къабазы архайд дарддæр кæнын. 2008 азæй рацæугæ рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерациимæ сарæзта æвдайы бæрц æндæр æмæ æндæр æмвæзады æхсæнадæмон фидыды. Уыдоны нымæцы сты æмкуысткæнынады, æхсæнпаддзахадон æмæ æхсæнуагдон æмвæзады уæрæх авнæлды фарстатæ. Бакусыны æмæ cыл къухтæ ‘рфыссыны стадийы сты 20 фидыдæй фылдæр, уыцы нымæцы, дывæр æмбæстагдзинады фарстытæ æрбæстон кæныны Бадзырд, уырыссаг-хуссарирыситойнаг паддзахадон арæны фарст æрбæстон кæныны тыххæй Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Бадзырд.

Уыцыиу рæстæджы ма махæн ахсджиаг у æппæт паддзахадтимæ дæр хæларадон, æмбар æмæ партнерон ахастытæ аразын.

- Хуссар Ирыстоны æттагон политикæйы сæйраг аспект Республикæйы дарддæр дæр дунеон банымад у? Цæй мидæг сты ацы куысты сæйрагдæр зындзинæдтæ?

— Нæ æвзонг хицауадæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг у дунеон банымад. Ацы фæдæздæхты куыст цæуы æдзухонæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон банымады позици фидар кæныны хъуыддаджы нын ахъаз кæны Уæрæсейы Федераци. Мах архайæм официалон Тбилис ивгъуыды Ныггуылæнæн кæй пропаганда кодта æмæ чи сæвзæрдысты, уыцы стереотиптæ аиварс кæныныл æмæ дунеон æмæхсæнадæн фенын кæнæм Хуссар Ирыстон хи сбæлвырд кæныны нацийы бартæ реализаци кæныны фæстиуæгæн чи фæзындис, ахæм цардхъом паддзахад кæй у. Мах ма иттæг хорз æмбарæм уый дæр æмæ кæцыфæнды паддзахады банымайыны дæр иууыл сæйрагдæр кæй у йæхи мидæг ын хæрзвадат социалон-политикон ситуаци саразын, йæ демократон бындуртæ йын cфидар кæнын. Уый у æппынæдзух хъус дарын кæмæ хъæуы æмæ тагъд чи не ‘ххæст цæуы, ахæм прцесс, фæлæ мах уымæ цæуæм планон æгъдауыл. Æмæ мах фидарæй уырны уый æмæ ма Уæрæсейы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, уыдонæй цæвиттон кæй райсдзысты æндæртæ дæр. Мах дунейы æппæт бæстæтимæ дæр цæттæ стæм æргом, æмбар, кæрæдзийæн пайдайы, кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ кæрæдзийы интерестæ нымайгæйæ æмæ сын аргъ кæнгæйæ, æмкуыст кæнынадмæ.

- Æрæджы Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз бахатыдысты Итали æмæ Сан-Мариномæ, цæмæй сын банымайой сæ хæдбардзинад. Афтæ ма банысан æрцыдис уый дæр æмæ Хуссар Ирыстон активонæй кæй аразы контакттæ къорд æндæр бæстæтимæ дæр. Æввахслдæр рæстæджы гæнæн ис æмæ æнхъæлмæ кæсæм нæ паддзаддзинад банымайынмæ?

— Куыд ма загътон, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл куыст цæуы æппынæдзухæй. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ацы архайд æххæст кæны æндæр æмæ æндæр фæдæздæхтыты. Аивгъуыйгæ æзты нæ къухты бафтыдис контакты политикон географи зынгæбæрцæй фæфылдæр кæнын.

Дунейы фылдæр бæстæтимæ нын официалон дипломатон ахастытæ кæй нæй, уымæ гæсгæ пайда кæнæм æндæр форматтæй. Нæ минæвæрттæ кусынц æндæр æмæ æндæр бæстæты, уыцы нымæцы Итали æмæ Сан-Маринойы дæр. Кæрæдзи æмбарæм Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘вварс хæцыны хъуыддаджы ацы паддзахадты политикон къордты æсæ кусæм къухыбафтгæ интересты дарддæры рæзтыл.

Уыимæ иумæ мах ма хъуамæ рох кæнæм уый дæр æмæ, нæ хæдбардзинады ныхмæ чи сты, уыцы Гуырдзыстон æмæ иннæ бæстæтæ æппæт фадæттæй дæр пайда кæнынц нæ бæстæйы хæдбардзинады дарддæры банымадæн, къуылымпы кæнынц банымадмæ къахдзæфтæ аразыны хъуыддаг. Æмбæхсинаг нæу уый дæр æмæ, Хуссар Ирыстонæн йæ хæдбардзинад чи банымадта, уыдон дæр кæй æййафынц тыхджын политикон æмæ экономикон æндæвдад АИШ æмæ Евроцæдисы ‘рдыгæй. Ацы фактор, æнæмæнгдæр, зындæр кæны Хуссар Ирыстоны банымайыны процесс.

- Абон цахæм ахастытæ ис Хуссар Ирыстонæн æмæ йын йæ хæдбардзинад чи банымадта, уыцы бæстæтимæ? Æмкуысткæнынады цахæм приоритетон фæдæздæхтытæ дзы рахицæн кæнис?

— Республикæ Хуссар Ирыстон тырны йæ ахастытæ рæзын кæнынмæ æмæ хæларадон бастдзинæдтæ араза æппæт бæстæтимæ дæр. Абоны бонмæ ма, Уæрæсейæ дарддæр, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру, Тувалу, кæцытимæ рæзын кæнæм æхсæнпаддзахадон æмахастытæ. Рагæй фæстæмæ нын хорз ахастытæ ис Республикæ Абхазимæ, Приднестроваг Молдоваг Республикæимæ, Хæххон Карабахы Республикæимæ, кæцытимæ бирæ азты дæргъы фæдфæдылонæй рæзын кæнæм хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны бындурыл арæзт чи цæуынц, уыцы æхсæнадон ахастытæ.

Кæрæдзиимæ æмкуысткæнынадыл, базарадон-экономикон, культурон бастдзинæдтæ, партнерон ахастытæ арфдæр кæныны фарстатыл кусын у æнæмæнгхъæуæг æмæ мах ацы фарстатæм æркæсæм, æруынаффæ cыл кæнæм æмæ кæрæдзи бамбарæм. Æрæджы нæ Республикæйы кусæгон визиты уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Минæварады кусджытæ, кæцытæ фембæлдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон универстеты ахуыргæнджыты-профессорты скондимæ æмæ студенттимæ æмæ сын бакастысты лекци ахæм темæйыл: «Боливариайнаг Венесуэлайы революцийы æнтыстытæ культурæйы къабазы». Фенын сын кодтой фильм Венесуэлайы тыххæй дæр.

Махæн ахсджиаг у, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, уыцы паддзахадтимæ дарддæр дæр рæзын æмæ фидар кæнæм кæрæдзиимæ пайдайы æмкуысткæнынад, афтæ ма ног импульс радтæм диаспоратимæ æмæ нын нæ хæдбардзинад чи нæма банымадта, уыцы бæстæтимæ куыстæн.