Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Гуырдзыстонимæ арæныл демаркацион куыстыты тыххæй

Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны цы хъæрахсты æмæ нуархалæн истери рапарахат, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый сбæлвырд кæныны фæдыл демаркацион куыстыты тыххæй, уый у радон мæнг провокаци, кæцы йæ разы æвæры йæ адæмы фæсайыны æмæ йын цæмæй дунеон æмæхсæнад хæца йæ амбициты фарс, ахæм хæс.


Хуссар Ирыстонæн 2008 азы йæ паддзахадон хæдбардзинад нымад куы ‘рцыдис, уæд сарæзта сыхаг паддзахадтимæ арæнты делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамис. Уæрæсейы Федерациимæ ацы фæдæздæхтыл куыстытæ уагъд æрцыдысты æмæ фæугæ дæр фæкодтой, фæлæ Гуырдзыстонмæ уый тыххæй бирæ хæттыты сидтытæ баззадысты æнæ дзуаппæй.

Диссаг у, гуырдзиаг хицауад уæвæг реалондзинæдтæ куыд æмбæхсы, ситуаци сæрæй къæхты ‘рдæм куыд фæкæны æмæ регионы ногæй æндыгъддзинад цырын кæнын куыд арæхсы. Гуырдзиаг фарсы хъусынгæнинаг, цыма арæныл уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ кæнынц, сæхи цахæм фæнды, ахæм куыст, уæлдайдæр та, цыма паддзахадон арæн ахастой Гуырдзыстоны ‘рдæм мидæгау, у, бынтондæр бындур кæмæн нæй, ахæм дзæнгæда. Уæрæсейы структурæтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæнынц иумиагæй, дывæрсыг сразыдзинадмæ гæсгæ. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый сбæлвырд кæнын æмæ фиксаци кæныны куыстытæ цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæттæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ. Уыимæ иумæ ма арæнхъахъхъæнджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл архайынц, Гуырдзыстоны зæххмæ иунæг метр дæр нæ агайгæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад иу æмæ дыууæ хаты, мыййаг, нæ хъусын кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территори бæлвырд цæуы раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы территориалон арæнты фæлгæтты. Хуссар Ирыстон куыд хæдбар нымад паддзахад афтæ йæ арæнгæрон территори бæлвырд кæны йæхæдæг.

Официалон Тбилис, йæхицæн зиан чи у, уыцы националистон политикæ фæивын æмæ Хуссар Ирыстоны банымайыны бæсты дарддæр дæр активонæй пайда кæны информацион диверсийы методтæй йæ нысан къухты бафтын кæныны сæраппонд æмæ дунеон æмхæларады йæхи сæрмагонд проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ æмæ реваншистон тырнындзинæдтæ реализаци кæнынмæ.


Цхинвал, 2013 азы 7 июнь