Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Женевайы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хъусынгæнинаг

2008 азы августы хæсты рæстæджы хæстон архайдтыты фæстæ цалдæр къуырийы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон æбæрæг сæфт фесты республикæ Хусср Ирыстоны сабыр цæрæг авд æмбæстаджы. Æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон æхсæн уыдысты æнæхъом ирон æмбæстæгтæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыдтæгты министрады тæфæрфæсы тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хуыддæгты Министрадмæ Республикæмæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй фæзиан, уый тыххæй

Республикæ Абхазы Президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй кæны æмæ хъыгзæрдæсты арф æнкаърæнтимæ æрвиты тæфæрфæсы тел, Республикæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырты йæ цардæй æнæафоны ацыды тыххæй. Сергей Василы фырты номимæ баст у Абхазы историйы ног дуг, стыр ивындзинæдты, демократон рацæрæзтыты æмæ бæрнон уынаффæйы рæстæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментаритæ реинтеграцийы фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон министры хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны реинтеграцийы фæдыл паддзахадон министр Екатерина Тъхъешелашвили 2011 азы 15 апрелы гуырдзиаг парламенты рабадты фæндон бахаста, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æмбæстæгтæн лæвæрд цæуой «нейтралон»пасторттæ, гуырдзиаг символикæ сыл куыд нæ уа, афтæмæй. Уый, дам, цыма сæ хицæуттæн ратдзæн фæсарæнмæ ацæуыны æмæ уым Гуырдзыстоны президенты фонды хардзæй ахуыр кæныны фадат.

Арфæйы тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрмæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат арфæйы тел арвыста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Сергей Мироны фырт Шамбамæ йæ юбилейы цытæн.

Телы дзырдæуы:

«Зæгъын Дын мæ æнæивгæ цытдзинад æмæ мæм æрхауд ахæм амонд,цæмæй Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арвитон зæрдиаг арфæтæ Дæ юбилейы цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыдтæгты министр джиоты мураты интервью Паддзахадон телерадиокомпании «Ир»-ан Хуссар Ирыстоны дипломатийы Боны цытæн

Сом, 28 марты, традицимæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Хуссар Ирыстоны Дипломатийы бон. Ацы нысаниуæгджын боны фæзынд баст у уыимæ, æмæ 1992 азы 28 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы сессийы арæзт æрцыдис РХИ фыццаг Хицауад, кæцыйæн йе сконды фæзындис æддагон бастдзинæдты министрад дæр. Æддагон бастдзинæдты министрад уыдис ныры Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады райдиан хуыз. Уæдæй фæстæмæ, традицимæ гæсгæ, нысан кæнæм ирон дипломатийы бон.

Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысыл

Дарддæр Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæй хуындæуы, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци,


сæ адæмты историон æгъдауæй сæвзæргæ фидар бастдзинæдтæ, хæлардзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны традицитыл æнцой кæнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæларсыхагдзинад, хæларадон ахастытæ, кæрæдзион æххуыс куы фидар кæной,уæд уый дыууæ паддзахады адæмтæн пайда кæй уадзæн æмæ Фæскавказы регионы сабырад, æдасдзинад сфидар кæнынæн кæй ахъаз кæндзæн, уый хынцгæйæ,

Суагъæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Централон Æвзарæн Къамисы æхсæн æмгуыстады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамис, дарддæр Дыууæ Фарсы,
се’хсæн сæвзæргæ бастдзинæдтæ хынцгæйæ,
адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæты æппæтæнхыгъд нормæтыл æмæ демократон райрæзты нысаныл æнувыддзинад фидар кæнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий Европæйаг Цæдис минæвары хъусынгæнинаджы фæдыл

Европæйаг Цæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Уæлдæр минæвар Кэтрин Эштон 2011 азы 28 апрелы чи рапарахай, уыцы хъусынгæнинаджы фæдыл катайдзинад загьта Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ цы визит сарæзта, уый тыххæй, зæгъгæ, «уый дзуапп нæ дæтты Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады принциптæн» æмæ арæст æрцыдис гуырдзыйы хицауадмæ уый тыххæй рагацау нæ бадзургæйæ.

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн информацион-культурон центрты уагдæттæ аразын æмæ уыдон архайды уавæрты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


культурон æргъадтимæ æмхуызон зонгæ кæнын, бахахъхъæнын, æмхуызон сæ фæхъæздыгдæр кæнын æмæ се ‘хсæнуæвæг традицион бастдзинæдтæ рæзын кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты цымыдисдзинад хынцгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы политикон, экономикон, культурон, зонадон æмæ ахуырадон процестæ рæзын кæныны къабазы æхсæнадæн информаци дæттыны хъуыддаг фæбæрзонддæр кæнынæн стыр нысаниуæг дæтгæйæ,

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн авиацион агуырд æмæ ирвæзын кæныны фæдыл æмгуыстады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, – дарддæр Дыууæ Фарсы,


æмарæн паддзахадты ‘хсæн агурæн-ирвæзынгæнæн службæтæм хауæг æмгуыстады Æмбæстагон авиацийы дунеон организацийы рекомендацигонд практикæ æмæ стандарттæ нымайгæйæ,

æнамонд цауты бахауæг адæмæн тагъд баххуыс кæныны ахсджиаг нысаниуæг æмбаргæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Ацы Фидыды нысæнттæн пайда цæуы 1944 азы райсгæ Дунеон æмбæстагон авиацийы конвенцийы 12 Уæлæмхасæны 1 сæры уæвæг терминтæ æмæ нысæнттæй.

Уац 2