Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн авиацион агуырд æмæ ирвæзын кæныны фæдыл æмгуыстады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, – дарддæр Дыууæ Фарсы,
æмарæн паддзахадты ‘хсæн агурæн-ирвæзынгæнæн службæтæм хауæг æмгуыстады Æмбæстагон авиацийы дунеон организацийы рекомендацигонд практикæ æмæ стандарттæ нымайгæйæ,
æнамонд цауты бахауæг адæмæн тагъд баххуыс кæныны ахсджиаг нысаниуæг æмбаргæйæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Ацы Фидыды нысæнттæн пайда цæуы 1944 азы райсгæ Дунеон æмбæстагон авиацийы конвенцийы 12 Уæлæмхасæны 1 сæры уæвæг терминтæ æмæ нысæнттæй.

Уац 2

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровы кусæгон балц Республикæ Хуссар Ирыстонмæ

2011 азы 25 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров. Кусæгон балцы фæлгæтты йын фембæлд уыд РХИ президент Кокойты Э. Д. æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. Фембæлды хайадисджыты конструктивон æмæ хæларадон атмосферæйы æруынаффæ кодтой уæрæх дывæрсыгон ахастыты фарстатыл. Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой, цæмæй се `мархайд рæзын кæной дарддæр дæр æттагон-политикон, экономикон æмæ культурон сæйрагдæр фæдыздæхтты.

1_2.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровы кусæгон балцы тыххæй

2011 азы 25 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Ловров. Кусæгон балцы фæлгæты йын фембæлд уыдис РХИ президент Кокойты Э. Д. æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. Фембæлды хайадисджыты конструктивон æмæ хæларадон атмосферæйы æруынаффæ кодтой уæрæх дывæрсыгон ахастыты фарстатыл. Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой, цæмæйсæ амархайд рæзын кæной дарддæр дæр æттагон политикон, экономикон æмæ культурæйы сæйрагдæр фæдæздæхиты сты.

Дипломатон рангтæ радтыны тыххæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Э. Д. Указæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты Алан Солтаны фыртæн æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цуырбаты Казбулат Иналы фыртæн лæвæрд æрцыдысты «Чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Æрвысты» рангтæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ.

РеспубликæХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг НАТО-Гуырдзыстоны къамисы хъусынгæнинаджы фæдыл

Майрæмбоны 2011 азы 15 апрелы Берлины НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады фарс рахæцыны тыххæй, афтæ ма йæ территорийы дунеон мониторингы æнæмæнгхъæуындзинад, «Хуссар Ирыстон æмæ дзы Абхазы дæр бакæнгæйæ».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг РХИ Конституциы боны цытæн

2011 азы 8 апрелы Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Бон.

ПМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчакы арфæйы тел РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ РХИ Конституцийы боны охыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Боны 8 апрелы цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

«Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæгъын, стыр цыт дын кæй кæнын æмæ Дæ курæг дæн, цæмæй мын айсай мæ зæрдиаг арфæйæ нысаниуæгджын нымæц Республикæ Хуссар Ирыстоны конституции райсыны Боны референдумыл 10 азы кæй сæххæст, уый охыл.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг уалдзæджы ЕЦПА-йæы чи уыдзæнис, уыцы сессийы тыххæй

2011 азы 11апрелæй 15 апрелмæ Страсбургы уагъд цæудзæнис Европайы Цæдисы Парламентон Ассмблейы(ЕЦПА) уалдзыгон сессии. Уым æндæр темæтимæ иумæ плангонд цæуы, Гуырдзыстон, куыд ацы авторитетон дунеон организацийы уæнг, афтæ йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнын.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА уæнгты хъусдард здахы уымæ æмæ Гуырдзыстон демонстративонæй кæй ницæмæ дары йæхимæ цы дунеон хæстæ райста, уыдон. Афтæмæй та сæ сæххæст кæнын уыдис ацы бæстæйы Европæйон Цæдисмæ цæй тыххæй райстой, уый.

Поздравительная телеграмма Министра иностранных дел Нагорно-Карабахской Республики Георгия Петросяна Министру иностранных дел Республики Южная Осетия Мурату Джиоеву

Хæхон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгийы арфæйы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ

РХИ Конституцийы Бон 8 апрель бæрæгбонон æгъдауæй кæй нысан цæуы,уый охыл.Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгий арфæйы тел æрырвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

"Зæрдиагæй Дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци райсыны Боны цытæн!

2011 азы 8 апрель РХИ историйы ссис иттæг ахсджиг цау.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Падзахадон арфæйы тел Абхазы Советтон Социалистон Республикæйыл 90 азы сæххæсты фæдыл

Абхазы хæдбар Советон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы кæй сæххæст,уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы тел арвыста РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Телы дзырд цæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн зæгъы стыр цин ын кæй кæны æмæ йæ ном кæй æрхауд хæдбар Абхазы Советтон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы сæххæсты цытæн зæрдæйы цæуæг арфæйæ арвитыны фадат.