Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг


Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Фæдæрацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй кæрæдзимæ грамотатæ раттыны тыххæй

30 июлы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр æмæ Æххæстбарджын Минæвар Гасситы З.Н. æмæ Статс-секретарь-Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г.Б. Карасин кæрæдзимæ радтой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы Бадзырд сратификаци кæныны фæдыл грамотатæ. Бадзырдыл 18 марты сæ къухтæ ‘рфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Путин В.В.


14-æм статьямæ гæсгæ Бадзырд йæ тыхы бацыдис кæрæдзимæ ратификацион грамотатæ раттыны бонæй.


Цхинвал, 2015 азы 30 июль