Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

31 марты гуырдзиаг лидер Георгий Маргвелашвили парламенты йæ æрвылазон хыгъды Гуырдзыстоны сæйраг нысаныл банымадта бæстæйы иудзинад æмæ æнæхъæндзинад, кæцы, зæгъы, цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй «æнæмæнг хъуыддаг у Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацийæн кæрон скæнын». Уыимæ иумæ Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг æнæмæнг хъуыддагыл банымадта, цæмæй хъуыддагæй фенын кæна йæ аудындзинад абхазæгтæ æмæ ирæтты «хæдбындурдзинад бахъаъхъхъæнын, сæ политикон æмæ культурон бартæ æххæст кæнынæн сын Европæйаг Гуырдзыстоны паддзахад гарант кæй у, уый».


Гуырдзыстонæн ахæм декларациты, сæйраджыдæр, кæмæн нысан цæуынц, уый кæддæриддæр вæййы ныгуылæйнаг аудитори, тбилисаг ныхæсты мидис кæронмæ чин нæ фембары. Сæ нысан та у, фаг респектабелон чи нæу, уыцы гуырдзыстойнаг паддзахады имидж фæхуыздæр кæнын æмæ ныгуылæйнаг дунейæн, Гуырдзыстоны регионалон «демократийы фæндагамонæг цырагъдæр кæй у» æмæ йын масштабон æххуыс кæй хъæуы, ууыл баууæндын кæнын. Гуырдзыстоны зынтæй разындзæнис ахæм политикон архайæг, кæцыйы æцæгæй уырны, зæгъгæ, ирæттæн сæ бон нæу раст хъуыды кæнын, æппæт дæр сæ ферох вæййы. Гуырдзыстоны хорз æмбарынц уый, æмæ Хуссар Ирыстон никуы ферох кæндзæнис æмæ никуы ныббардзæнис этникон асыгъдæг кæныны фыдæвзарæн æмæ геноцид, Цхинвалыл куынæггæнæг бомбæтæ калын æмæ 2008 азы августы, гуырдзиаг æфсæдты бабырст, гуырдзиаг паддзахады сæргълæууæджы ныфсæвæрæн ныхæстæ ирæттимæ сабырад æмæ æфсымæрон цард кæныны тыххæйы хæдфæстæ.

Абоны онг дæр ма Гуырдзыстоны бæрндзинадмæ конд ничима ‘рцыдис, адæймагдзинады ныхмæ йæ саразгæ фыдрæкæндты тыххæй, кæцытæ æххæст æрцыдысты ирæттæм ахасты, уый тыххæй ницахæм политикон акт райста Гуырдзыстоны паддзахад уыцы фыдракæндтæ саразыны тыххæй. Уый нæ, фæлæ ма рæзын кæны йæ хæстон потенциал æмæ йæхи ирхæфсы реваншистон амбицитæй, ныфс æй ис, фадат ын куы фæуа, уæд бацахса ирон зæххытæ. Ныр æхсæз азы дæргъы Тбилис йæ къух кæй нæ фыссы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл æмæ уый дæр цæуылдæр дзурæг у.

Куыд зыны, афтæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгады бахъæудзæнис рæстæг, цæмæй йæм бахъара æмæ бамбара сæвзæргæ уавæртæ æмæ мауал дау кæна йæ сыхæгты зæххытыл. Нырмауал та нæ алыварс æцæгдзинад сзыгъуыммæгондæй æмæ территориалон даутæ сты ныхдур куыд бæстæйы рæзтæн æмæ йын йæ адæмы цард нормализаци кæнынæн, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ хæларсыхагон ахастытæ аразынæн, æмæ тбилисаг трибунæтæй чи хъуысы, уыцы ритуалон сомытæ, гæнæн ис æмæ бауырной ахæм адæймæгты, кæцытæ æгæрон дард сты Хуссар Кавказæй æмæ регионы цы проблемæтæ ис, уыдонæй.


Цхинвал, 2015 азы 2 апрель