Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службайы хъусынгæнинаг

20 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæртæ. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минææвæрттæ фæсконфликтон ситуации æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдтой ацы азы 11-12 декабры чи хъуамæ уа, Женевайы дискусситы уыцы радон раундмæ бацæттæ кæныны фарстатыл, афтæ ма дзырдтой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны æдасдзинады ныры ситуацийы фæдыл дæр.

Фембæлдыхайадисджытæуынаффæ кодтой инцидентæ иуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны Механизмы фæлгæтты дарддæры фембæлдтыты æмæ сын сæ архайды эфективондзинад фæбæрзонддæр кæныны темæйыл. Хъусдард карзæй здæхт æрцыдис Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ Гуырдзыстоны тæрхондæтты æнæ закъонæй кæуыл стæрхон кодтой, уыдон агурыны фарст фæактивондæр кæнынмæ.

Гуманитарон фарстаты фæдыл уынаффæ уыдис актуалон социалон - экономикон проблемæтыл. Фæлæ, сæрды, Нью-йоркы Гуырдзыстоны инициативæйы лигъдонты æмæ мидæгæй иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ чи ацыдысты, уыцы адæймæгты тыххæй БНО ГА цы резолюции райста, уый хынцгæйæ хуссарирыстойнаг фарс ногæй бафидар кодта Женевæйы ацы тематикæйыл диалог дарддæр дæр цæуа дзы хайад райса, уымæн гæнæн кæй нæй.

19 ноябры размæ Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ ацыдысты Ленингоры районмæ, кæцыран фембæлдысты районы разамынад æмæ цæрджытимæ.

Цхинвал,
2012 азы 20 ноябр.