Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Батумы брифингы Хиллари Клинтоны хъусынгæнинаджы фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад серьезон катайдзинад зæгъы АИШ паддзахадон секретарь Хиллари Клинтон 5 июны Батумы брифингы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цæрджытæн «афтæхуыйнаг нейтралон паспорттæ дæттыны хъуыддаг банымайыны» тыххæй цы хъусынгæнинаг сарæзта, уый фæдыл.
Цхинвалы уæлдай къæрцхъусдзинад æвзарын кæны иуæй-иу ныгуылæйнаг политиктæ æмæ бæстæтæ тбилисаг хицауиуæгады æнæреалон домындзинæдты ‘вварс кæй хæцынц, уыцы хъуыддаг. Хиллари Клинтоны хъусынгæнинаг, кæцы арæст уыдис гуырдзиаг аудитори цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уымæ гæсгæ. Афтæмæй ахызтис гæнæнуæвæг арæнтæй æмæ йæхи банымадта суверенон паддзахад Респубюликæ Хуссар Ирыстоны мидæгагон хъуыддæгты хи хæццæ кæныны бар кæмæн ис æмæ бæстæйы црджыты,цахæм документтæ сæ исын хъæуы, уый чи скъуыддзаг кæны, ахæмыл.
Ӕмбæрстгонд у уый æмæ ацы идея кæй у фæлтæрд æмæ дырысæй куыстгонд гуырдзиаг «æнæбанымандгондæй бакæныны» политикæйы иу хай, кæцы куыстгонд æрцыдис 2008 азы æмæ здæхт у Хуссар Ирыстоны изоляци аиуварс кæнынмæ. Ӕцæгæй та Гуырдзыстоны æмæ «нейтралон паспортты» ввварс активонæй чи хæцы, уыдоны бындурон нысан у регионы стабилондзинад базмæлын кæнын.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фылдæр хæйæн ис чи сты,уый сын чи бæлвырд кæны, ахæм документтæ- Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты «нейтралон паспорттæ» та Хуссар Ирыстны никæй хъæуынц. Афтæ уæрæхæй кæй тыххæй дзурынц ацы документты «нейтралондзинадыл», уый та æцæгæй ахæм нау, уымæн æмæ графæ «бæстæйы код»-ы нысан цæуы Гуырдзыстон.
Ныгуылæйнаг политикты æгæр политизацигонд балæуд æмæ æвзæрста дондзинад Хуссар Ирыстонмæ цы фарстæтæ хауынц, уыдон скъуыддзаг кæнынмæ хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй разыдзинад куынæ уа, уæд нæй гæнæн æмæ фæахъаз уа регионы стабилизацион ситуацийæн.
Ӕмткæй ныгуылæнæн, сæрмагондæй та АИШ-æн урок хъуамæ уаит 2008 азы август æмæ сæ къух сисой блокон хъуыдыйæ, ма хизой Хуссар Ирыстоны легалон документты иувæрсты, уымæн æмæ йын аргъонд цæудзæнис куыд Хуссарирыстойнаг цæрджыты дискриминаци, афтæ. Женевайы цы радон дискусситæ уыдзысты, уыдоны фоны ахæм къахдзæфтæ негативонæй фæзындзысты бадзырдтыты процессыл æмæ Гуырдзыстоны ардаудзысты, цæмæй йæ къух ма ‘рфыссатыххæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон æгъдауæй хæсджын гæнæг документыл.

г.Цхинвал
2012 азы 6 июн