Archive - Nov 2010
November 12th
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари
Дзыллон информацийы къорд фæрæзтæ апарахат кодтой хъусынгæнинаг мароккайиаг полиции æмæ æфсæддонтæ палаткæйы лагерь Грейм Изик кæй ныппырх кодтой, уый тыххæй. Лагерь сарæзтой бынæттон цæрджытæ горæт Эль-Аюнамæ хæстæг ныгуылæн Сахарайы хайы, кæцыйыл контроль кодта мароккайнаг администраци. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, быцæуæмбæлды рæстæджы фæмард сты цалдæр адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фесты цæфтæ æмæ райстой травмæтæ, мароккайаг хицауиуæггæнджытæ дарддæр дæр ныхдуртæ аразынц, цæмæй журналисттæ уагъд ма ‘рцæуой Эль Аюнæйы районмæ.
November 3rd
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагРеспубликæ Хуссар Ирыстонмæ национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисары Минæвар Кнут Воллебекы визиты тыххæй
3 ноябры Республикæ Хуссар ирыстонмæ æрцыдис национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисар, Минæвар Кнут Воллебек.
Минæвар Кнут Воллебекы йæхимæ райста РЮО Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Фембæлды уыдысты фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æвджиддар Цоциты Б.Е., адæймаджы барты фæдыл РХИ президенты Æвджиддар Санахъоты Д.Г. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С.