Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарии комментарий уæрæсейаг фарсы фæндæттæн Гуырдзыстоны цахæм реакции уыдис, уый тыххæй.

Цаутæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы Федерациты æмбæстæгты Гуырдзыстонмæ бацæуыны визæтæ аивыны тыххæй Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили бæстæйы парламентмæ 2012 азы 27 февралы йæ ‘рвылазон инстуаны цы загъта, уый у радон пропагандистон амал, кæцы Гуырдзыстонмæ, уæрæсейаг æмбæстæгтæй фылдæр бацæуа, уый тыххæй уыйбæрц нæу, цас у дунеон æмæхсæнады цæстмæ арæзт миф ацы идеаты авæры «конструктивондзинад» æмæ «сабыруарзæг» архайдтытæ æвдисынæн.

Ахæм хатдзæмæ æнцонæй ис æрцæуæн уæрæсейаг дзуаппон фæндæттæм диалогы нормализацийæн цивилизацигонд фæндæгты агурыны тыххæй уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй гуырдзиаг фыдзæрдæ архайдтыты реакцимæ бакæсгæйæ.

Гуырдзыстон йæ пропагандайы фæдфæдылонагъдауæй пайда кæны æндæр æмæ æндæр конфликтон ситуацитæй, фембарын сæ кæны, йæхи интерестæ æмæ нысæнттæн пайдадæр куыд вæййы, афтæ. Официалон Тбилиси тезисты фарс уæрæхæй рахæцынц Ныгуылæны æмæ та Гуырдзыстоны президенты ацы хъусынгæнинаг дæр ныгуылæйнаг аудиторийæн пмар-акцитæ дарддæр ницы у, кæцы арæзт у уымæ, цæмæй банкъардæуа, зæгъгæ, Гуырдзыстон уæрæсейаг æмбæстæгты хæрзиуæгæн алыгъуызонæй дæр аразы иуварсонæй хидтæ уæрæсейы Федерацимæ.

Уырыссаг фарсы ‘рдыгæй конструктивон фæндæгтæм кæй не ‘нхъæлмæ кастысты, æмæ йæ реалон позитив дæр кæй нæ фæндыдис сæ ахастыты, уымæ гæсгæ гуырдзиаг политиктæ æмæ барæй æвæрдæй, райсæн кæмæн нæ уыдис, ахæм бадзырдты домындзинæдтæ- Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Республикæйы банымад аивын æмæ сын сæ сæйраг горæдты уæриæсейаг минæварадтæ сæхгæнын. Ацы хъуыддагон, бынтон лæгъз дзырдтæй йæ куы зæгъæм, уæд ын квалификацикæнæн ис, куыд дывæрсыг ахастыты æртыккаг паддзахадты æбарадон æгъдауæй хи хæццæ кæнын, афтæ.

Гуырд зыстоны хицауиуæгады иу-чысыл уæддæр куы фæндит сабырады хъуыддаг æмæ сыхæгтимæ хæларсыхагон ахастытæ æрбæстон кæнын, гуырдзыстонмæ цæуæг адæмы нымæц фылдæр кæнын, уæд уал фыцаг рады аивтаиккой «оккупацигонд территориты тыххæй» æнæхъола закъон, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты, уыцы нымæцы суверенон паддзахадтæ Абхаз æмæ хуссар Ирыстоны территоритæй чи бацæуой, уыдонæй дæр арæнгæрон контроль чи нæ рацæуа, уыдон нымад цæуынц æнæзакъонæй бацæуджытыл æмæ цæуынц ивæргонд кæнæ та сты 3-5 азы æмгъуыдмæ сæ сæрибардзинад арыстæй.

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддагты министр Ватадзе дæр 2012 азы 25 январы ЕЦПА йæ раныхасы фæстæ ципикон æгъдауæй зæгъгæ, зæгъгæ, никуы ничи уыдис, кæцырдыгæй фарсæй-цæгатæй æви Хуссарæй цæуынц адæм Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазæй, уый ныхмæ.Афтæмæй та зынгонд сты ахæм цаутæ æмæ æрцахстой æртыккаг бæстæты æмбæстæгты, кæцытæ Абхазмæ бацыдысты цæгаты ‘рдыгæй, уый тыххæй нысангонд паспорттты дæр. Афтæ æмæ Гуырдзыстоны «Оккупацигонд территориты тыххæй».захъон кусы дырысæй æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ алы хатт даæр свæйынц хивæндзинады амæттаг æмæ реалонæй гæнæн ис февзæрой ахæстоны æрмæстдæр уый тыххæй æмæ суанг иунæг хатт дæр кæй уыдысты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы.
Уæрæсейы ‘рдыгæй фарсы домындзинад-дипломатон ахастытæ сæндидзын кæнын æмæ фидар барадон ахастытæ саразыны тыххæй, кæцытæ гарантии дæттиккой Гуырдзыстонмæ цæуæг æмбæстæгты æдасдзинадæн. Фæлæ гуырдзыстоны хицауад уый тыххæй, бынтондæр райсæн кæмæн нæй, ахæм домæнтæ кæй равæрдта,уый дзурæг у ууыл æмæ йæ къухдариуæгады æцæгæй кæй нæ фæнды сыхаг паддзахадтимæ йæ ахастытæ нормализации кæнын.

Цхинвал,
2012 азы 16 март.